Перейти к содержанию

Бартикян, Рачья Микаелы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Рачья Микаелы фырт Бартикян
Райгуырды датæ 1927-æм азы 7 июлы(1927-07-07)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2011-æм азы 16 августы(2011-08-16) (84 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз Астæузаманы Сомих[d][1]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d][1][2] (1972)
Ахуырадон ном академик[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ

Рачья (кæнæ Грач, Грачья, Рач[3]) Микаелы фырт Бартикян (сом. Հրաչ Միքայելի Բարթիկյան; райгуырдис 1927-æм азы 7 июлы Афинæты, Грекъ — амардис 2011-æм азы 16 августы Ереваны, Сомих) уыд советон æмæ сомихаг ахуыргонд, византинист æмæ сомихзонæг. Сомихы зонæдты академийы Историйы институты астæузаманы хайады сæргълæууæг, профессор, историон зонæдты доктор, академик.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Рачья Бартикян райгуырдис сомихаг бинонтæн 1927-æм азы 7 июлы Гречъы сæйраг сахар Афинæты. Грекъаг гимназ каст фæуыны фæстæ 1946-æм азы йæ ныййарджытимæ ссыди советон Сомихмæ, сæ сомих равзæрдмæ гæсгæ.

1953-æм азы æнтыстджынæй каст фæци Ереваны университеты историон факультет. Фондз азы фæстæ 1958-æм азы кандидаты диссертаци бахъахъхъæдта павликианаг змæлды тыххæй (чиныгæй рацыд 1961-æм азы). 1972-æм азы сси историон зонæдты доктор, йæ докторы диссертаци уыдис византиаг эпосы тыххæй æмæ уый куыд ахсджиаг у сомихзонæнмæ. 1980-æм азæй куыста Сомихы Историйы институты хайады сæргълæууæгæй[3].

Бартикяны куыстытæн сæ фылдæр хай у Византи æмæ сомихаг адæмы астæузаманы историйы тыххæй, стæй та сомихаг-византиаг ахастдзинæдты тыххæй.

Йæ цалдæр уацты радзуры павликианаг æмæ тондракиаг змæлдты тыххæй, йæ иннæ цымыдис у сомихаг-византиаг аргъуаны ахастдзинæдтæ X-XII æнусты.

Стыр бавæрæн бахаста Бартикян Византийы истори иртасæнтæм, Прокопи Кесариаг, Иоанн Скилицæ æмæ иннæ рагон авторты комментиргонд тæлмацтæ куы бацæттæ кодта, уæд[3].

Кадджын нæмттæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Уæнг-корреспондент:
    • Гречъы византиаг иртасæнты æхсæнад (1981),
    • Ромы академи «Тиберинæ» (1987),
    • Афинæты зонæдты академи (1990),
    • Сомихы зонæдты академи (1990),
    • Грекъаг цивилизацийы центр (1993)
  • Сомихы фысджыты цæдисы уæнг (1996)
  • Сомихы зонæдты академийы академик (1996),
  • профессор

Куыстытæ

[ивын | Бындур ивын]

Бартикян ныффыста 300 зонадон куыстæй фылдæр уырыссаг, сомихаг, грекъаг æмæ иннæ æвзæгтыл, уыдонæй 12 монографийы.[3]

  • Армяно-византийские исследования (в двух томах). Ер., 2002
  • Византийская аристократическая семья Гаврасов (на греческом яз.). Афины, 1993.
  • Византия в армянских источниках (на греческом яз.). Салоники, 1981.
  • Заметки o византийском эпoce o Дигениce Aкритe. Византийский временник, т. 25, 1964
  • Неизвестная армянская аристократическая фамилия на службе в Византии в IX—XI вв. // День, 1992. — Вып. 26: Византия и средневековый Крым. — стр. 83-91.
  • Источники изучения павликианского движения. Ер., 1961.
  • Эллинизм и Армения (на греческом яз.). Афины, 1991.
  • «La généalogie du Magistros Bagarat, Catépan de l’Orient, et des Kékauménos.» Revue des Études Arméniennes. NS 2, 1965. (French)
  • «L’enoikion à Byzance et dans la capitale des Bagratides, Ani, à l'époque de la domination byzantine (1045—1064).» Revue des Études Arméniennes. NS 6, 1969. (French)
  • «Հայաստանի նվաճումը Բյուզանդական կայսրության կողմից» («The Byzantine Conquest of Armenia»). Patma-Banasirakan Handes. № 2 (49), 1970. (Armenian)
  • Hellenismos kai Armenia. Athens: Hidryma Goulandre-Chorn, 1991. (Greek)
  • Armenia and Armenians in the Byzantine Epic, in Digenes Akrites: New Approaches to Byzantine Heroic Poetry (Centre for Hellenic Studies, Kings College London). David Ricks (ed.) Brookfield, Vt.: Variorum, 1993 ISBN 0-86078-395-2
  • Պարթենիոս Աթենացու Պաղեստինի Կեսարիայի մետրոպոլիտի պատմություն հունաց և հայոց տարաձայնության (The History of the Controversy between Greeks and Armenians written by the Metropolitan of Caesarea of Palestine, Parthenios of Athens). Yerevan: Yerevan State University Press, 2005. (Armenian)

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]